91 псалом иронау. На осетинском языке.
Ӕхцон у Дунедарӕджы стауын,
Дӕ номы кадыл зарын, Бӕрзонд Хуыцау.
Райсомӕй Дӕ хорзӕх,
ӕхсӕвы та Дé ’цӕгад сидын –
Хъусын кӕнын дӕсхъисоны,
дыууадӕстӕноны ӕмӕ дáла-фӕндыры зӕлтӕй.
Уымӕн ӕмӕ мын Дӕ хъуыддӕгтӕй
цин ӕрхастай, Дунедарӕг;
Дӕ къухӕй цы сарӕзтай, ууыл райын.
Куыд стыр сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Дунедарӕг,
куыд тынг арф сты Дӕ хъуыдытӕ!
Ӕнӕзонд адӕймаг не ’мбары уыдӕттӕ,
ӕнӕмбаргӕ сӕ нé ’нкъары;
Кӕд фыдлӕгтӕ рӕзынц кӕрдӕгау,
ӕмӕ цáрдхуыз сты фыдӕхӕн кусджытӕ –
уӕддӕр фӕтары уыдзысты мыггагмӕ.
Фӕлӕ Дӕуӕн, Дунедарӕг,
Дӕ кад бӕрзонд у кӕддӕриддӕр!
Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Де знӕгтӕ, Дунедарӕг,
Де знӕгтӕ ӕнӕмӕнг фӕцагъды уыдзысты,
фыдӕхӕн кусджытӕ иууылдӕр
ныппырхытӕ уыдзысты.
Мӕнӕн та радтай уӕлахизгӕнӕг тых,
байсӕрстай мӕ хӕрздӕф зетийӕ.
Мӕ цӕстытӕ фендзысты мé знӕгты сӕфт,
мӕ хъустӕ фехъусдзысты мӕ ныхмӕ рацӕуӕг
фыдгӕнджыты хъӕр.
Рӕстгӕнӕг дидинӕг калы дыргъбӕласау,
хӕрдмӕ фӕцыди ливайнаг нӕзы