Ахæм хабæрттæ// 2022/ 11 февраля
Ацы къуыри дистанцион ахуыры фæтк кæронмæ æрхæццæ. Къуырисæры, 14-æм февралы скъолатæ æмæ астæуыккаг ахуыргæнæндæттæ кусын райдайдзысты раздæрау. Республикæйы къаддæр кæны, коронавирус кæмæ рабæр вæййы, уыдоны нымæц дæр. Цæуыл ма ныхас кодтой оперативон штабы æмбырды, уый чысыл фæстæдæр.
Зæххæнкъуыст æмæ зынгсирвæзт - ахæм æрхъуыдыгон цаумæ гæсгæ абон арæзт æрцыдысты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæрмагонд ахуыртæ. Ацыдысты Национ телеуынынад «Осетия – Ирыстон»-ы. Куыд бацархайдтой ирвæзынгæнджытæ, уый радзурдзыстæм.
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд филологон наукæты доктор, Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы наукæйы сгуыхт архайæг Гуриаты Тамерланы номыл 5-æм æппæта