114 азы æххæст Багаты Хъæвдыны фырт Никъалайы райгуырдыл
114 азы æххæст кæны Багаты Хъæвдыны фырт Никъалайы райгуырдыл. Абон æй йе`мбæлттæ, хиуæттæ æмæ къабæзтæ æрымысыдысты. Дзæуджыхъæуы йæ номыл цы мемориалон фæйнæг байгом кодтой, уымæ адæм æрбахастой дидинджытæ. Багаты Никъала уыд куырыхон ахуыргæнæг æмæ дæсны филолог.
Ирон æвзаджы æрдзон æууæлтæ ничи зыдта йæхицæй хуыздæр. Йæ грамматикæ сæ æвдисы æппæтæй нывылдæр æмæ бæстондæр. Никъала ахуырдзаутæн уарзын кодта мадæлон æвзаг, фыдыбæстæ æмæ рæсугъддзинад.
Райгуырд Хуссар Ирыстоны Цъусгомы. Йæ куыст райдыдта 1925 азæй. 1977-æм азмæ куыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон пединституты, ныртæккæйы ЦИПУ. Багаты Никъала уыд ирон æвзаджы ахуыргæнæг, ирон æвзагзонынады кафедрæй