Хрзаудн акци Бллицты заз блас

ВИУ. Ног азмæ ма кæд рæстæг ис, уæддæр хистæртæ архайынц сæ сывæллæттæн рæсугъд бæрæгбон саразыныл. Куыд хуыздæр æй скæной, ууыл та хъуыды кæнынц рагагъоммæ. Разамынддæттæг институты ныр 2-аг хатт сарæзтой акци “Бæллицты заз бæлас“. Базарадон центрты æмæ стыр дуканиты раз сæвæрдтой заз бæлæстæ сывæллæтты фыстæджытимæ. Студенттæ куыд зæгъынц, афтæмæй, сывæллоны бæллиц сæххæст кæнын у алкæй бон дæр. Ивгъуыд аз сывæллæттæ сæ фыстæджыты Митын Дадамæ цы курдиæттæ фыстой, уыдон сæххæст кодтой студенттæ сæхæдæг.
Back to Top