Николай Гумилев, “Однообразные мелькают“ (на осетинском языке)
Николай Гумилев
Фæдфæдыл иугъæдон ызгъорынц
Фæд-фæдыл иугъæдон ызгъорынц
Мæ бонтæ уыцы рисæй дзаг,
Цæвиттон уардитæ ызгъæлынц,
Ыскъуыйы булæмæргъты цард.
Фæлæ йæхæдæг дæр æнкъард у,
Æнкъард у бардзырд раттæг уарзт,
Йæ зæлдаг цармы бын та марг туг
Тындзы йæ тугдадзинты тагъд.
Æмæ мæнæн, зæххыл цæргæйæ,
У ‘рмæстдæр иу бæллиц зынаргъ:
Цæмæй, куырм сабитау, дыууæйæ
Ыссæуæм хæхты рæгътæм мах,
Æрмæст сæгътæ кæм хизы буцæй,
Кæм лидзынц урс æврæгътæ дард,
Уым, руад уардитæ сгаргæ, хъусæм
Æдзæммард булæмæргъты зард.
1917.