141 псалом иронау. На осетинском языке.

Хъӕрӕй кувын Дунедарӕгмӕ, Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын хъӕлӕсыдзагӕй. Мӕ хъӕстытӕ Йын ракодтон зӕрдӕбынӕй, Йӕ разы радзырдтон мӕ хъыгтӕ. Мӕ уд мӕ мидӕг куы сӕдых, уӕд ӕрмӕст Ды зыдтай мӕ цӕуӕнтӕ. Ӕз цы фӕндагыл цӕуын, ууыл сусӕгӕй айтыгътой хыз. Кӕсын рахизырдӕм ӕмӕ уынын – ничи мӕ нымайы. Кӕм ма балӕууон, уый мын нал ис; мӕ удыл ничи тыхсы. Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, О Дунедарӕг, ӕмӕ загътон: «Ды дӕ мӕ сӕрылхӕцӕг, мӕ амонды хай царды зӕххыл». Фехъус мын мӕ дзыназын, уымӕн ӕмӕ тынг слӕмӕгъ дӕн; м
Back to Top