Тотраты Бесӕ I #док

1935 азы 10 ноябры йе `мбӕрзӕн фыццаг хатт байгом кодта Цӕгат Ирыстоны паддзахадон драмон театр. Уый уыд ирон адӕмы культурӕйы стырдӕр ӕнтыстытӕй иу. Не сфӕлдыстадон артдзӕстӕн йӕ цард чи снывонд кодта ӕмӕ йын цырагъау чи фӕсыгъд, уый уыд Цӕгат Ирыстоны сгуыхт артист ӕмӕ аивӕдты сгуыхт архайӕг, фыццаг ирон профессионалон актер, режиссер, хъомылгӕнӕг Тотраты Бесӕ. Театры фӕкуыста йӕ царды фӕстаг бонтӕм. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top