Ахсар Джигкаев Æз цæуын

Запись 1991 года в блокадном Цхинвале. Из плейлиста “Зармон Цхинвала. Осаде вопреки“. Æз цӕуын, мӕ фыдызӕхх ысгарын, Уафын ыл мӕ къахвӕндӕгтӕй тын. Куы мӕ фӕндаг сӕрсӕфӕнтӕм дарын, Куы ӕнӕдон быдырты хӕтын. Разыны мӕ нысан ноджы дардӕй, Фӕлӕ зын нӕ тӕрсын кӕны мӕн. Хъарм хуыссӕн нӕ агурын фӕлладӕй, Сты нӕ хӕхтӕ гобанау фӕлмӕн. Уыдонӕн сӕ риуы цӕф ӕнкъарын, Баиу ис нӕ зӕрдӕтӕн сӕ куыст, Мӕн ӕййафы фӕндӕгтыл сӕ уарын, Мӕн ӕрсуры фӕндӕгтыл сӕ хъызт Хур-ӕмбӕлццон сӕвдулы мӕн доны, Бафӕллайын, уӕнгты тых сӕтты. Мӕн нӕ фыййау арты фарсмӕ хоны, Цуанон мын ӕмбӕлӕггаг дӕтты. Æз цӕуын, ӕрлӕууӕн нӕй мӕ науӕн, Не фсӕды нӕ хӕхты уындӕй цӕст. Кӕд фӕцудон бӕрзӕндӕй мӕ хауӕн, Кӕд мӕлон, уӕд бӕрзӕндыл мӕ дзӕхст!
Back to Top