Баллаты Валодя. Гыцци
музыка Зинаиды Хабаловой
стихи Нугзара Бакаева
Фæрсыс мæ, гыцци, цæмæн ныхъхъус дæн,
Мæ саулагъз дзыкку цæмæн фæхалас.
{Цæмæн фæцыди сæ хуыз мæ рустæн,
Цы кæнон, зæрдæ нæ быхсы сау маст.} x2
Мæ развæндагыл цы стъалы сыгъди,
Бæрзонд арвæй мæм цы стъалы хъазыд.
{Уый фаронуалдзæг æрбайсæфт, гыцци,
Мæ сæр уæд ысурс, мæ сæр уæд разылд.} x2
Уæдæй фæстæмæ цъæх арвмæ хатын,
Кæнын мæ сагъæс мæйрухс æхсæвтæн.
{Цы кæнон, гыцци, кæнын дзæгъæлтæ,
Мæ зæрдæ адих цыргъ карды цæфæй.} x2
Фæлæ йын уæддæр йæ зæлдаг фынтæ
Куы фенон искуы кæйдæр фæрссагæй,
{К