Тимур Илаев - Фæцæуын дæм

Фæцæуын дæм - Тимур Илаев Фæцæуын дæм, фæхæссын дын Стъалыты тыбар-тыбур. Фæцæуын дæм, фæхæссын дын Цъæх сыфтæрты сыбар-сыбур. Фæцæуын дæм, фæхæссын дын Цæстыты рухс, зæрдæйы хъарм. Фæцæуын дæм, фæхæссын дын Ныхæсты цин, ныхæсты фарн. Фæцæуын дæм, фæхæссын дын Сыгъдæг сæнттæ, бæллицтимæ. Фæцæуын дæм, фæхæссын дын Зæххы æмуаз, æхсидгæ уарзт.
Back to Top