Мужской хор Северо-Осетинской Госфилармонии - Керчы бæстæ
«Музыкальная культура осетин» © 2011
Уæ, дзæгъæйлаг Керчы бæ;стæ;,
Мæ тæригъæдæй басудзай.
{Мæ мад мæм нæхимæ
Æнхъæлмæ кæсы,
Ды та мыл сыджыт ныккалдтай.} x2
Атæх, атæх, ды, зæрватыкк,
Хæхтæн, быдыртæн сæ сæртыл.
{Фехъуысын кæн
Мæ мад, мæ фыдæн
Се ’намонд фырты хабæ;рттæ.} x2
Мауал æм æнхъæлмæ кæсут –
Нал æрыздæхдзæни уæ фырт:
{Знаджы тæвд нæмыгæй
Карз тохы фæмард,
Керчы былыл та ныгæд и…} x2