Фидæй-фуртмæ. Малити Георгий. Малити Васо
«Бæлвырд у иу хъуыддаг: Малийы-фырт у адæмон поэт. Цы адæмæн фыста, уыдон æй зонынц æмæ уарзынц. Цæмæн? Уымæн æмæ, фыццаджыдæр, уыцы адæмимæ дзырдта иу æвзагыл, сæ царды ахсджиаг цы уыд, ахæм хъуыддæгтыл. Хорз зыдта адæмы зæрдæйы æууæлтæ, арф сын æмбæрста сæ бæллицтæ, сæ сагъæстæ, хорз арæхст уыдон æвдисынмæ, йæ ныхас уыд сыгъдæг æмæ бæлвырд...», - фыста ирон литературæйы классик æмæ дыгурон литературæйы бындурæвæрæг Малиты Георгийы тыххæй Джыккайты Шамил.
Ирон аив дзырды курдиатджындæр минæвæртттæй иу уыдис Георгийы фырт Малиты Васо дæр. Фыдæй-фыртмæ национ литературæ æмæ аивадмæ цы стыр æвæрæн бахастой, уымæн аргъ нæй...
00:00 – Программæйы сæр;
00:35 - Малиты Георгийы æмдзæвгæ “Æлхуйнæ“;
01:40 - Малиты Георгий æмæ Васойы сфæлдыстады ахадындзинады тыххæй;
05:10 - Малиты Георгийы революцион архайды тыххæй парти “Кермен“-ы;
10:10 - Фыд æмæ фырты сфæлдыстады æууæлты тыххæй;
12:40 - Архив: Малиты Васо кæсы йе ’мдзæвгæтæй иу;
15:00 - Георгийы поэмæ “Дзандзирахъ“-ы тыххæй;
23:34 - Фыд æмæ фырты сфæлдыстады тыххæй дунеон литературон Ассоциацийы критикты барæнтæм гæсгæ;
27:50 - Васойы хъæбулы хъæбул кæсы йæ бабайы æмдзæвгæ;
30:25 - Малиты Васойы архайды тыххæй журнал “Ирæф“-ы сæйраг редакторы бынаты;
37:20 - Малиты Георгийы уацмысты бастдзинады тыххæй адæмон сфæлдыстадимæ;
40:50 - Фыд æмæ фырт ирон æмæ дыгурон литературæмæ цы стыр æвæрæн бахастой, уый тыххæй.
_________________________
Мы рядом в: