Fred As-Betanti - Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ
Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ - Fred As-Betanti
Георгий Малити
ФЕДОГ
Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,
Рохсмæ цæуетæ æнгом,
Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,
Скæнтæ муггагмæ стур ном.
Арвмæ мæсуг амайетæ,
Хормæ скæнетæ фæндаг,
Гъæйт, зæрдиуагæй уайетæ,
Догъи ма уотæ фæстаг!
Тари цæфсæд сæребарæ,
Мегъи сорæд æ тунтæй,
Цард мабал уæд гъезæмарæ,
Зæнхæ райзол уæд рунтæй.
Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,
Рохсмæ цæуетæ æнгом,
Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,
Скæнтæ муггагмæ стур ном.