говорят участники войны

Хуссар Ирыстоны зынгзæрдæ лæппутæ сæрбахъуыды рæстæджы сæ цардыл нæ ауæрдгæйæ хъахъхъæдтой райгуырæн бæстæ цыфыддæр знагæй. Бирæтæ дзы æфсымæртæ, уæхски-уæхск азæй-азмæ лæууыдысты мæлæты ныхмæ æнæмсæр тохы. Уыдон æхсæн Гаглойты 3 æфсымæры. Сабыр дуджы уыдон зынтæй дзурынц ивгъуыды баззайгæ фыдæвзарæнтыл. Фæлæ сæрбахъуыды сахат кæддæриддæр цæттæ сты сæ намысы номыл, сæрибары оххыл сфæлхатт кæнын рацæугæ уæззау фæндаг.
Back to Top