Цымыдисаг таурæгътæ. Равдысты фыццаг хай I Фыдæлты уæзæгмæ
Кæддæр Ирыстоны алы комы дæр уыд кадæггæнджытæ, таурæгъгæнджытæ. Уыцы æвзæрст лæгтæн-иу Хуыцауæй уыд лæвæрд стыр æмæ кадджын курдиат – зæрдыл фидарæй дарын фыдæлтыккон таурæгътæ æмæ сæ зынаргъ фæрдгуыты бастау дарддæр дæттын фæлтæрæй фæлтæрмæ.
Ахæм лæгтæй иу у Ходыхъæуккаг Едзиты Андрей. Цы бирæ таурæгътæ бахъуыды кодта йæ сабибонты, хистæртæм хъусгæйæ, уыдон абон дæр хорз зоны.
_________________________
Мы рядом в: