Хъбатыры ном рох н уыдзн. Хуссар Ирыстоны, Къуайсайы кадджын уавры байгом кодтой цыртдзвн Хуыгаты Радиславн

Хъæбатыры ном рох нæ уыдзæн. Хуссар Ирыстоны, Къуайсайы кадджын уавæры байгом кодтой цыртдзæвæн Хуыгаты Радиславæн. Уый фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг. Æцæг патриот, стыр лæгдзинад равдыста, йæ æфсæддон хæс æххæстгæнгæйæ. ️ Радон ныхмæлæуды рæстæг Радислав знаджы ‘ргом фæсайыны тыххæй сæ ныхмæ рацыд иунæгæй, йæ къухты ирон тырыса, афтæмæй. Йæ цард радта йæ хæлæртты ирвæзынгæнгæйæ Фыдыбæстæйы сæраппондæн. Подписывайтесь на irystonTV Source: IrystonTV
Back to Top