Цгат Ирыстоны арзт рцыд фыццаг дунеон фестиваль Ирон фндыр
1902-æм азы ацы хæдзары цæргæйæ, Къостайæн мыхуыры рацыдысты пьесæ “Дуня“ æмæ очерк “Особа“. Уæвгæ, ам æрцыдысты поэты царды къорд ахсджиаг цаутæ. Цавæртæ, уыдоны тыххæй уазджытæн бæстонæй дзуры Хетæгкаты Къостайы мемориалон хæдзар-музейæн разамынддæттæг Отарты Зæлинæ.
Уыцы рæстæг Къоста хаццоны иста æрмæст дыууæ агъуысты. Ныртæккæ алы къуымы дæр ис фыссæджы нывтæ, дзауматæ. Уазджытæ сæм лæмбынæг кæсынц. Музейы уазджытæ - зындгонд фысджытæ алы республикæтæ æмæ горæттæй. Челябинск, Красноярск, Ростов, Мæскуы, Петербург, Цæгат Кавказы регионтæй æмæ Абхазийæ. Къостайы сфæлдыстадимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хæстæг зон гæ сты се ’ппæт дæр. Фæлæ сын ныр фадат фæцис сæхи цæстæй фенын поэт кæм цардис æмæ йе сфæлдыстадыл кæм куыста, уый.
Хетæгкаты Къостайы номыл поэзийы фыццаг дунеон фестиваль“Ирон фæндыр“ саразыны хъæппæрис разынд республикæйы фысджыты цæдис, “Иузинад“ æмæ “Къостайы æхсæнад“-мæ. Сбастой йæ номдзыд фыссæджы райгуырды 165 азимæ. Фестивалæн ис цалдæр нысаны.
Программæ рауад хъæздыг. Цалдæр боны дæргъы - экскурситæ æмæ цымыдисаг фембæлдытытæ.
Кадджын мадзалы уыд Патимат йæхæдæг дæр. Авайраг æвзагзонынады дæсны йæ раныхасы рæстæг фæнысан кодта, тæлмацгæнгæйæ, кæй архайдта алы ныхасы мидис дæр раст рахæссыныл. Куысты сын æххуыс кодта ирон поэт æмæ фыссæг Баситы Зæлинæ. Авайраг æвзагыл чиныгмæ хаст æрцыд поэмæ “Фатимæ“ дæр. Бакуыста йыл дагестайнаг режиссер.
Презентацион чингуыты ’хсæн французаг æвзагыл “Ирон фæндыр“ дæр. Уый тæлмацгонд æрцыд цалдæр азы размæ. Фæлæ коронавирус кæй апарахат, уымæ гæсгæ йын презентаци саразын нæ æнтыст. Афтæ, ныридæгæн Къостайы чиныг бантыст Иугонд нациты организацийы æртæ æвзагмæ ратæлмац кæнын. Фестивалы рæстæг Хозиты Барис куыд фехъусын кодта, афтæмæй æрæджы Испанийы дæр разынд активист. Уый цæттæ у испайнаг æвзагмæ тæлмацыл бакусын. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ ирон фыссæджы сфæлдыстад кæндзæн ноджы парахатдæр.