Концертмейстер Кцойты Иринйыл абон сххст уыдаид 47 азы

Кцойты Иринæ музыкæйыл æнувыд уыд сабийæ фæстæмæ. Чызгыл афæдз дæр нæ цыд, фыццаг ныхæстæ куы сдзырдта, уæд. Æппынæдзух зарыд алыхуызон мелодитæ. Йæ курдиат ын йæ ныййарджытæ уайтагъд раиртæстой. Куыд йæ хо, афтæ Кцойты Иринæ дæр ахуыр кодта фортепианойыл цæгъдын Душанбейы. 90-æм азты бинонтæ сыздæхтысты райгуырæн зæххмæ. Ахуыргæнджытæ æвзонг Иринæйы курдиат æмæ куыстуарзондзинадыл дис кодтой. Уый йæхи æнæ музыкæ нæ уыдта. Скъолайы фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд аивæдты училищæмæ, каст æй фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Уый фæстæ æнтыстджын уыд Цæгат Кавказы аивæдты институты дæр. Аив, ирд æмæ зæрдæхæлар - ахæмæй йæ хъуыды кæнынц ахуыргæнджытæ. Кцойты Иринæ йæ уарзон куыстæн йæ цард снывонд кодта. Сывæллæтты музыкалон скъолайы педагогæй æмæ концертмейстерæй фæкуыста 27 азы. “Нæхи Ирочкæ“-йæм буцæй дзырдтой йе ’мкусджытæ. Цæстуарзон, зæрдæхæлар, æргом адæймаг. Цард чи æмбæрста æмæ уарзта ахæм -, зæгъы Лиана Иванидзе. Йæ ахуырдзаутæн иу музыкæ уайтагъд бауарзын кодта. Афта рауад Хъарданты Зæлинæимæ дæр. Йæ амынддзинадмæ гæсгæ чызг бацыд Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжмæ, Хосроты Тамерланы къласмæ, Иринæ дзы уыд концертмейстер. Залинæ сси хоры дирежер æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы консерваторийы. Разамынд дæтты Императоры палестинаг чырыстон æхсæнады симфонион оркестрæн æмæ аразы алыхуызон фестивальтæ. Уарзон ахуыргæнæджы хъуыды кæнгæйæ нырыккон музыкæйы æппæтуæрæсеон фестиваль “21-æм æнусы аивад“-ы азæлыд сæрмагондæй йæ номыл фыст уацмыс. Бакуыста йыл республикæйы композиторты Цæдисы уæнг Хосроты Тамерлан. Дирижер уыд Михаил Котельников. Фæстаг фондз азы Кцойты Иринæ тох кодта уæззау низимæ. Фæлæ алкæддæр уыд йæ ахуырдзауты фарсмæ. Кæд низæфхæрд уыд, уæддæр бæрæг кодта музыкалон скъола. Фæстагмæ та ахуыртæ амыдта хæдзары уæвгæйæ. Сывæллæтты бирæ уарзта, фæлæ йын хъысмæт йæхи цот æмæ бинонтæ нæ балæвар кодта. Йæ цардæй ахицæн ацы аз сæрды. Йæ хæстæджытæ, бирæ хæлæрттæ, ахуырдзаутæ тынг хъыг кодтой. Абон ыл сæххæст уыдаид 47 азы.
Back to Top