Хатдзæгон равдыст районтæй I Комæй коммæ
Нæ программæ “Комæй коммæ“ у афæдзæн йæ кæройнаг, æмæ не `рмæджытæ, ай-гъай дæр, баст сты Ног азы бæрæгбонимæ. Не сфæлдыстадон къорд йæхицæн нысан сæвæрдта, цæмæй иу район дæр æнæ `рхъуыдыйæ ма наууадзæм. Нæ хъайтартæ сты хуымæтæг адæм: Фыдыбæсты Стыр хæсты ветерантæ, скъоладзаутæ, сфæлдыстадон архайджытæ, æнгом бинонтæ, хуымæтæг кусджытæ. Æрзылдыстæм æппæт 8 районыл дæр. Уæдæ нæ студийы уазджытæ та æрыгæттæ уыдысты. Æмæ уый дæр хуымæтæджы нæ. Кæд фидæны цардаразджытæ кæстæртæ сты, уæд афæдзы кæронбæттæн эфиры дæр уыдон хъуамæ уой...