Физикй, химий м биологий иумйаг паддзахадон флварны, гнн ис, м снысан кной практикон хай
Физикæйæ, химийæ æмæ биологийæ иумæйаг паддзахадон фæлварæны, гæнæн ис, æмæ снысан кæной практикон хай. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы ахуырадмæ цæстдарды управлени. Экзамен уал фæлварæн хуызы фæнд кæнынц хицæн субъектты снысан кæнын. Ныридæгæн уыцы хъæппæрисыл хъуыды кæнынц эксперттæ. Ахуырадмæ цæстдарды управленийы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, нырма ног хуызы фæлварæн бацæттæ кæнынмæ æппæт регионтæ дæр цæттæ не сты. Уый материалон-техникон бындуры хицæндзинæдты тыххæй. Фæлæ иумæйаг паддзахадон фæлварæны уавæртæ хъуамæ æппæт рауагъдонтæн дæр уой æмхуызон.