Дзуапдттг брнады специалистт расидтысты профилактикон рейдт
Цæмæй Ног азы æхсæв цæхæртæ скала, уый тыххæй ам алцыдæр ис, хуымæтæг бенгайлаг æртытæй стыр салютты онг. Ныртæккæ лæвæрттæ æмæ пиротехникæйæ тынгдæр ницы уæй кæны базарадон фæзуæттыл. Уыимæ, фæдывæр Мидхъуыддæгты æмæ Æнæнхъæлæджы цауты министрадты куыст дæр. Æрвылбон скæнынц профилактикон рейдтæ.
Базарадон фæзуæттыл бæрæг кæнынц бардæттæг гæххæттытæ, пиротехникæйы бæззондзинады æмгъуыд. Арт хуыссынгæнæнтæ дæр хъуамæ алы ран дæр уа. Сæйрагдæр — цæрджыты æдасдзинад. Уый тыххæй та товар, фыццаджыдæр, хъуамæ дзуапп дæтта хæрзхъæддзинады домæнтæн.
Фейерверктæ уадзгæйæ хъыгдард чи баййæфта, уыдоны нымæц азæй-азмæ рæзы. Хи бахъахъхъæныны тыххæй та бирæ нæ хъæуы — æрмæст æдасдзинады домæнтæм куыдфæндыйы цæстæй ма кæс. Пиротехникæ та æлхæн сертификат кæм ис, ахæм дуканиты.
Балхæнын иу у, фæлæ йæ æвæрын дæр зонын хъæуы пайда кæныны размæ. Хъуамæ уымæл ран ма уа, артæй дард. Республикæйы разамынд цæрджытæй куры, цæмæй бæрæгбоны рæстæг пиротехникæйæ ма пайда кæной. Æхсæвыгон цæрджыты чи хъыгдара, уый та дзуапп дæтдзæн административон æгъдауæй.