Сергей Меняйло фемблд, н республикй срмагонд фсддон операцийы архайгй чи фмард, уыцы хстонты бинонтим
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд, нæ республикæйæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ чи фæмард, уыцы хæстонты бинонтимæ. Тæфæрфæс сын ракодта æмæ сын радта паддзахадон хæрзиуджытæ. Уæрæсейы Президенты Указмæ гæсгæ се ‘фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ стыр лæгдзинад æмæ æхсар кæй равдыстой, уый фæдыл “Хъæбатырдзинады“ ордентæй хорзæхджын æрцыдысты (мæлæты фæстæ). “Нæ бæстæйы сабыр фидæны тыххæй сæ цард чи радта, уыдоны нæмттæ махæй рох нæ уыдзысты. Æфсæддонты бинонтæн республикæ алывæрсыг æххуыс кæндзæн“, — фæбæрæг кодта регионы разамонæг.