Хабртт// 2024/ 23 декабря
Ног Азы бæрæгбæттæм цæттæдзинадыл ныхас цыд аппаратон æмбырды. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта æвæстиаты æмæ аварион службæтæн карздæр куысты фæткмæ рахизын. Цæуыл ма дзырдтой хицауады уæнгтæ - радзурдзыстæм.
Æдасдзинады нысанимæ. Мидхъуыддæгты æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты кусджытæ сарæзтой иумæйаг рейд. Бæрæг кодтой пиротехникæ кæм уæй кæнынц, уыцы бынæттæ.
Уарзон архайд ссарын æмæ ма уæлæмхасæн фæрæзтæ райсын. Бæстæйы ныр цыппæрæм аз кусы программæ “Земский учитель“. Архайынц дзы Цæгат Ирыстонæй педагогтæ дæр. Се ’хсæн Гуцаты Лаурæ дæр.