630 милуан сомй фылдр бстйы хицауад улмхасн хуызы рахай кндзн мелиорацийн
630 милуан сомæй фылдæр бæстæйы хицауад уæлæмхасæн хуызы рахай кæндзæн мелиорацийæн. Бæлвырддæр Башкири, Дагестан, Кæсæг-Балхъар, Якути æмæ Цæгат Ирыстонæн. Фæрæзты руаджы мелиоративон мадзæлттæ сæххæст кæндзысты 9 мин гектары фæзуатыл. Æххуысы руаджы фæфылдæр уыдзæн хъæууонхæдзарадон зæххыты фонд. Ахъаз уыдзæн агропромышленнон комплексы райрæзт æмæ бынæттон хойраг фæфылдæр кæнынæн дæр.