Патриотон съезд, ирон æвзаг - горæты, радиойы бон æмæ чызг-хæлæрттæ I Йæ рæстæгыл
Мæскуыйы цыдис Уæрæсейы æфсæддон-историкон æхсæнады съезд. Нæ республикæйæ дзы архайдта национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан. Йæ рæстæгыл та æрбацыд нæ студимæ, цæмæй нын съезды тыххæй бæлвырддæр фехъусын кæна. Дзырдтам Дзæуджыхъæуы администрацийы хъæппæрисыл дæр, горæты англисаг æвзагыл цы конструкцитæ ис, уыдон аивыны тыххæй. Студимæ нæм æрбацыд æвзаджы дæсны æмæ загъта йæ хъуыдытæ уый фæдыл. Нæ ферох кодтам, Иугонд Нациты Организацийы фæндонæй чи фæзынд, уый - Радиойы æппæтдунеон бон. Нæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзтæй радиойæн фидар æмæ хъæздыг истори ис. Уазæг та нæм фæзынд, æнхъæл кæмæн нæ уыдыстут радиомæ бар дарын