Цæразонты Мæдинæ I Амигдалæ

Ахуырад æвзæрдæр уавæрмæ æркæнынæн закъон аххосджын куыд разыны? Ахуыргæнджытæ æрмæст сæ ставкæйыл куы кусиккой, уæд ма скъолайы чи фæллой кæнид? Алайнаг гимнази кæй байгом, уый ирон æвзаджы рæзтæн цы ахъаз фæуыдзæн, æмæ цы пайда æрхæсдзæн, ацы аз ахуыргæнæджы аз кæй расидтысты, уый? Уыцы фæрстытæн дзуæппытæ агурæм нæ программæ “Амигдалæ”-йы. Не `мныхасгæнæг у Алайнаг гимназийы сæргълæууæг Цæразонты Мæдинæ. 00:00 I программæйы сæр 02:54 I Ахуыргæнæг хъуамæ ахæм уавæрты куса, цæмæй мацæмæй ратыхса 05:28 I Алайнаг гимназийы ахуыр кæныны хъуыддаг тынгдæр фæхъæуы ныййарджыты. 08:01 I Ахуыргæнæг рухсатæг у æви лæггадгæнæг? 12:30 I Уайдзæф бакæнын сси æфхæрды нысан. 18:23 I Скъолайы хæрдзтæн ныййарджытæй æхца æмбырд кæнæн нæй. 21:55 I Æрыгон ахуыргæнджыты скъолайы кусынмæ цы хуызы ис сразæнгард кæнæн. 23:48 I Ахуыргæнæджы мызды тыххæй нæ республикæйы. 27:28 I Нæлгоймаг – скъолайы кусæг. 31:10 I Скъолатæм кусынмæ лæмæгъ специалисттæ цæуынц? 34:40 I Ирон æвзагыл алы дæс азæй дæс азмæ дзурынц къаддæр адæм. 39:55 I Ирон æвзаджы уавæрыл цæуыл бакатай кæнæм, уый ис _________________________ Мы рядом в:
Back to Top