Индира Тедеева. Про Заура Цаллагова

Цæллагты Зауырбег у профессионалон дизайнер, нывгæнæг. 2017-æм азы йæ проект «Мыггаджы мæсгуытæ» рамбылдта грант фæсивæдон форум «Машук»-ы. Уый руаджы Ирыстоны хæххон хъæу Уыналы, Цæллагты мæсыгæн йæ бындурыл абон сырæзт егъау этнокультурон центр. Нæ программæйы уæ хуыздæр базонгæ кæндзыстæм ацы фæзминаг кæстæримæ.
Back to Top