Заманхъулы бирсывллонджын ныййарджытн сарзтой срмагонд мадзал

Заманхъулы бирæсывæллонджын ныййарджытæн сарæзтой сæрмагонд мадзал. Фондз сылгоймаджы схорзæхджын кодтой бирæ цот кæй хъомыл кæнынц, уый фæдыл. Фæнысан сæ кодтой Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Арфæйаг хъуыддаджы сæм фæкастысты амалхъом адæм. Мадзал ацыд бынæттон рæвдауæндоны, “Бинонты афæдз”-ы фæлгæты. Сабитæ сын бацæттæ кодтой концертон программæ. Цымыдисаг равдыстытæ, зарджытæ æмæ кæфтытæ. Рæвдауæндоны разамонæг куыд радзырдта, афтæмæй алы бæрæгбонмæ дæр сæхи зæрдиагæй æмæ бæстонæй бацæттæ кæнынц. Подписывайтесь на irystonTV Источник: IrystonTV
Back to Top