Хъæд хъахъхъæнджытæ | Изæры рад
Цæгат Ирыстон цы алæмæты бынаты ис, йæ æрдз æмæ йæ хъæздыгдзинæдтæ алкæйдæр дисы æфтауынц. Æрдзы сæйраг хæзна та - хъæдтæ сты. Ам иу ран фенæн ис зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ, гагадыргътæ æмæ зокъотæ, мæргътæ æмæ алыхуызон зулчъытæ. Фæлæ абон нæ ныхас уыдоныл нæу. Растдæр зæгъгæйæ та, уыдоныл дæр æрдзурдзыстæм - фæлæ нæ ныхас уыдзæн хъæды рæсугъдзинад æмæ хъæздыгдзинадыл, йæ хъахъхъæныныл чи кусы, уыцы адæмыл. Уый та уымæн æмæ ацы хуыцаубоны, 20-æм сентябры, Уæрæсейы бæрæг кæндзысты хъæды хæдзарады кусджыты бон.
_________________________
Мы рядом в: