Федералон проект «Хистæр фæлтæр»-ы тыххæй

Пенсиисджыты кар кæй фæфылдæр кодтой, уый æхсæнадон æмæ социалон цардыл æнæфæзынгæ нæ фæцис. Адæмы хъуыды дæр иухуызон нæу: иутæ æфтæ зæгъынц æмæ уый хорз у, иннæты зæрдæмæ та ахæм ногдзинад нæ цæуы. Цæмæй иппæрдæй мачи баззайа æмæ пенсиисæгæн йæ бон уа фæллой кæнын, йæхицæн, йæ бинонтæн æмæ æхсæнадæн пайда хæссын, уымæн æххуыс у федералон проекттæй иу - «Хистæр фæлтæр».  Уый та цы нысан кæны? Цыбыр æмæ хуымæтæг дзуапп - паддзахад йæхимæ исы хæс æмæ пенсиисджытæн æмæ 50 азы кæуыл сæххæст, уыдонæн дæтты исты дæсныйадыл сахуыр кæныны бар. Куыд æмæ цавæр дæсныйæдтыл, ууыл у нæ программæ. _ Мы рядом в:
Back to Top