Мамысон | Комæй-коммæ

Дыууæ азы размæ не сфæлдыстадон къорд сæрмагонд æрмæг иста Тибы цæрджытыл. Адæм цинæй мардысты æмæ æнхъæлмæ кастысты, программæ «Мамысоны курорт» кæд скусдзæн, уымæ. Уæд нын куыд дзырдтой, афтæмæй комы цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц, проекты фæрцы хъæутæм газ кæй бауадздзысты, фæндæгтæ дзы кæй сараздзысты, транспорт сæм æнæкъуылымпыйæ кæй цæудзæн, ууыл. Программæ кæд скусдзæн, уымæ æнхъæлмæ кастысты, Калачы ма зæххытæ кæмæн баззад, уыцы адæм дæр. Кæд дзы сæрдæй-зымæгæй нæ цæрынц, уæддæр дарынц цæхæрадæттæ, зилынц сæ хæдзæрттæм. Фæлæ сæ зæххытæ, туристон зонæ кæм уыдзæн, уым кæй сты, уый тыххæй сын сæ паддзахад хъавы райсынмæ. Закъонмæ гæсгæ, хицауад цæрджытæн хъуамæ компенсаци радта. Фæлæ нæм æрæджы мамысонгоймæгтæ фæхабар кодтой, сæ зæххытимæ сын къуылымпыдзинæдтæ кæй сæвзæрд, уый тыххæй. Хъуыддаг раиртасыны тыххæй не студимæ фæхуыдтам РЦИ-Аланийы паддзахадон исбоны æмæ зæххы ахастыты министры хæдивæг Датиты Аланы. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top