Мызур | Комæй-коммæ
19-æм æнусы кæрон ныры Мызуры зæххытыл бельгиаг амалхъом адæймæгтæ бындур сæвæрдтой поселокæн. Сæ сæйраг куыст уыд зæххæй æвзист æмæ зды амал кæнын. Уæд поселокмæ цæрынмæ цæуын райдыдтой, канд Ирыстоны кæмттæй нæ, фæлæ ма Советон Цæдисы алы рæттæй дæр. 1970-æм азы æппæтадæмон æрфысты рæстæг Мызуры цæрджытæ уыдысты 4 499 адæймаджы, 2010-æм азы та 3 116. Куыд ивы афæдзæй-афæдзмæ Уæлладжыргомы зæрдæ æмæ цы уавæры ис абон? Ууыл дзырдтам нæ программæйы.
_________________________
Мы рядом в: