Вадим Зарицкий I Не ’взаг - сæ хæзна
Ирон æвзаджы тетрæдтыл Дигорайы 2-æм скъолайы ахуырдзау Вадим Зарицкий йæ мыггаг фæфыссы иронау - Зарицкиты Вадим. Йæ ахуыргæнæг æй бараст кæны, афтæ фыссын не ’мбæлы, зæгъгæ. Фæлæ йæ мыггагæй сæрыстыр уæвгæйæ, Вадим йæхи нымайы ирон адæймагыл.
Райгуырд Ирыстоны, йæ фыццаг ныхæстæ скодта дыгуронау æмæ йыл йæ зæрдæ нал ивы. Республикон конкурс “Ирон дæн æз“-ы чи фæуæлахиз, уый ныр та сси нæ программæйы хъайтар.
00:00 - Равдысты сæр
02:20 - Сæ мыггаджы равзæрд. Вадимы фыды фыд Ирыстоны куыд æрцард, стæй йæ кæстæртæ бынæттон цардыуаг æмæ культурæ сæ зæрдæмæ афтæ цæмæн райстой, уый тыххæй
09:10 - Вадим Зарицкийы ирон æвзаджы конкурсты архайынмæ цы сразæнгард кодта, стæй йæ къухы цы æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уый тыххæй
16:38 - Вадим Зарицкий республикон конкурс “Ирон дæн æз“-ы цы зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинад равдыста, уый тыххæй
21:18 - Лæппуйы æппæтуæрæсеон конкурс “Просветительские игры“-йы куыд архайдта, уый тыххæй
22:50 - Дигорайы 2-æм скъолайы директор: “Афтæ мæм кæсы, æмæ Вадим Зарицкий канд не скъола æмæ районæн кад не скæндзæн, фæлæ æгас Ирыстонæн дæр“
_________________________
Мы рядом в: