Дзывгъисы кувæндоны ацыд республикæйы дзуары лæгты дыккæгæм съезд

Дзывгъисы кувæндоны ацыд республикæйы Дзуары лæгты дыккæгæм съезд. Ирыстоны алы кæмттæй кувæг лæгтæ радон хатт æрæмбырд сты иумæйгæй ахсджиаг фарстатыл æрныхас кæнынмæ. Цавæр хъуыддæгтыл цыд ныхас? Дзывгъисы кувæндоны кæрты Ирыстоны алы кæмттæй Дзуары лæгтæ æмбырд кæнын райдыдтой рагацау. Хуыцауимæ баст æмæ монон зонындзинæдтæ æххæстгæнджытæ. Алы табуйаг бынаты дæр Кувæг лæг хуымæтæджы æвзæрст не ’рцæуы. Тхосты кувæндоны Дзуары лæг Уарзиаты Анатолийы цæттæ кæнын райдыдтой сывæллонæй. Дзуары лæгæй йæ хал схауд 25 азы йыл куы цыд, уæд. Уæдæй абонмæ лæггад кæны ирон динмæ кувæг адæмæн. Кувæндонмæ сæмбæлдысты канд Ирыстонæй минæвæрттæ нæ, съезды бацархайын сæ хæсыл банымадтой Мæскуы, Санкт-Петербург æмæ æндæр рæттæй æвзæрст лæгтæ дӕр. Хистæрты ныхæстæм гæсгæ, ахсджиаг у æмдых æмæ æмзондæй архайын. Æрмæст афтæ ис раст уынаффæтæ рахæссӕн. Æмбырды райдайæн се ’ргом аздæхтой ирон бæрæгбæтты къæлиндармæ. Ног проектыл куыстой цалдæр азы дæргъы. Чингуытӕ иртасгæ, комæй-коммæ хистæрты фæрсгæйæ, алы бæрæгбон дæр архайдтой раст банымайыныл. Тагъд рæстæджы хистæртæ рахæсдзысты, нæ республикæйы къæлиндар сæйрагдæр æмæ растдæр у æви нæ, ахæм уынаффæ. Мадзаларазджытæ — æхсæнадон организаци «Иудзинад»-ы сæрдар Кучиты Батразы ныхæстæм гæсгæ, ирон бæрæгбæтты къæлинадар уадзынц авд азы дæргъы. Ног проектæн хистæрты уынаффæ рахысыныл нымайы æнæмæнгыл. Уæвгæ, цы хæстæ сæвæрдтой сӕ размӕ, уыдон уыдысты цалдæр. Уымæй уæлдай ма, хистæртæ снысан кодтой авд адæймаджы, уыдон ныр азæй-азмæ æнæмæнг архайдзысты алы съезды дæр. Гуырысхойаг нæу, фидæны азмæ сæ куыст æнтыстджындæр æмæ парахатдæр кæй кæндзæн. Калоты Дзерассæ _________________________ Мы рядом в:
Back to Top