Æхсæнадон организаци «Иудзинад» бакуыста ирон къæлиндарыл

Æхсæнадон организаци «Иудзинад»-ы куыст бирæвæрсыг у. Йæ равзæрдæй абоны онг архайынц иудзинады мæсыг саразыныл, æмæ кæд сæ фыдæбоны къуылымпытимæ æмбæлынц, уæддæр сæ ныфс ис, сæ размæвæрд нысæнттæ, æнæмæнг, сæ къухы кæй бафтдзысты. Уый фæдыл аразынц алыхуызон мадзæлттæ. Сæ иу - ирон къæлиндарыл куыст. Уыцы бæрнон хæс æрхауд Хъалæгъаты Эльбрусмæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ирон адæмы бæрæгбæттæ, æнæмæнг, хъæуы фæткмæ гæсгæ бæрæг кæнын. Уыдонӕн сæ равзæрд æмæ сæ нымад хуымæтæг не`сты. Хъалæгъаты Эльбрус у ирон æгъдауыл хæст адæймаг. Алкæддæр æй цымыдис кодтой бæрæгбæтты нысаниуæг æмæ сæ мидис. Уымæ гæсгæ йын æхсæнадон организаци «Иудзинад» бабар кодтой къæлиндарыл бакусын. Эльбрус æнæзивæгæй райдыдта архайын. Æрæмбырд кодта æмæ лæмбынæг æркаст æрмæджытæм. Хистæрты зондæй фарста, сæ ныхасæн сын аргъ сын кодта. Стыр æххуыс ын фесты Айларты Измаилы, Мæрзаганты Мухарбеджы æмæ Уарзиаты Анатолийы зонындзинæдтæ. Куыд фæстæмæ, афтæ фæцалх, бамбæрста сын сæ нымад. Йæ куысты сæйраг нысан у, ирон адæмы азнымад куыд арæзт цыди,
Back to Top