Diana Besolti - Uarzgæ dæ kænyn
слова: Гиго Цагараев
музыка: Ирина Мистулова
рояль: Яна Огневская
Текст песни:
Дæ иу бакастæй дæр циндзинад исын,
ӕрфæнды мæ зарын.
Цы бон дæ нæ фенын, зæрдæйы риссын
Æрмæст уæд æнкъарын.
Дæу кæй уарзын, уый дын куыд зæгъон,
Куы нæ йæ æмбарын.
Дæ мидбылты худтыл худгæ зæрдæйæ
Æдзухдæр æмбæлин.
Нæ рæсугъд дунейы демæ цæугæйæ
Æнусмæ фæцæрин.
О, цы кæнон, ныр дын куыд зæгъон:
«Мæ бауарз æндæры!
Ма мын бауадз тызмæг сагъæстæн
Мæ зæрдæ æфхæрын».
Нæ фæстæг фембæлдты дæхи куыд дардтaй,
Æз уымæй æмбæрстон
Дæ цинтæ, дæ амонд
Ды кæй ‘ссардтæй
Кæмæдæр мæ бæсты.
О, цы кæнон, куыд ма цæрдзынæн
Зæрдæрысты фæстæ?
Куыд хорз-иу уыдысты мæйрухс изæртæ,
Сæ зарджытæ хæхтæн.
Мæ хай кæд нæ фæдæ,
Уæддæр мæ зæрдæ дæу мысгæйæ цæрдзæн.
Диссаг, диссаг æхсидгæ уарзтæн
Рох гæнæн куыд нæй.
Диссаг, диссаг æхсидгæ уарзтæн
Рох гæнæн куыд нæй.
О, тæхуды æнувыд уарзтæн
Йæ хорзæх кæй фæци.