Рахизфарсы районы «Ныхас»-ы куыст. Ныхасы фæдыл

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-æн Ирыстоны алы районы дæр ис сæрмагонд хайадтæ. Уыдонæн разамынд дæттынц адæм аргъ кæмæн кæнынц, йæ ныхасы уæз кæмæн ис, ахæм хистæртæ. Куыд цæуы куыст районты, цы лыггæнинаг фарстатæ лæууы сæ размæ, цы у Ныхасы куыстæн йæ пайда æхсæнад æмæ нæ æгъдæуттæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы, уыдон æмæ ма бирæ æндæр фарстатыл уыдзæн нæ ныхас а изæр. Нæ студийы уазджытæ сты Рахизфарсы районæй: Рахизфарсы районы «Иры Стыр Ныхас»-ы сæргълæууæг Томайты Савели, Рахизфарсы районы «Стыр Ныхас»-ы хайады уæнг Бургалаты Заремæ, Зæронд Бæтæхъойыхъæуы «Иры Стыр Ныхас»-ы хайады сæргълæууæг Джериаты Шамил æмæ районы «Ныхас»-ы фæсивæды комитеты уæнг, Рахизфарсы районы Культурæйы галуаны директор Еналдыты Къола. _ Мы рядом в:
Back to Top