Сæбанты Тамерлан I Цы сусæг кæныс

Нæ уазæджы хистæрæй-кæстæрæй се ппæт дæр зонынц куы зæгъон, уæд, æвæццæгæн, нæ фæрæдийдзынæн. Æрыгæттæй та бирæтæ йемæ тынг æнгом баст сты. Куыд рауад афтæ? Ахуыргæнæг сын у. Уыимæ царды дæр. Мæнмæ æргом адæймаг кæсы. Рæдийын æви нæ, уый абон базондзыстæм. Стæй мæм куыд кæсы, афтæмæй йæ зæрдæйы арфы цы хъуыдытæ ис, царды фæндагыл цæугæйæ цы хатдзæгтæ скодта, уыдон дæр нын нæ басусæг кæндзæн. Кæй кой кæнын? Сæбанты Тамерланы – æнхъæлдæн æрбацыд. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top