Куыдзойты Анжелæ I Цы сусæг кæныс

Мæ абоны уазæг йæ мадæлон æвзаг æмæ йæ адæмыл тынг æнувыд у. Æгæрон уарзтæй сæ уарзы куы зæгъон, уæддæр стыр ныхæстæ нæ уыдзысты. Йæ цард снывонд кодта æвзагзонынадæн. Æз æй цас зонын, кæддæриддæр архайдта ирон æвзаг кæстæртæн бауарзын кæныныл. Ныртæккæ дзы бирæ студенттæ сты бузныг, йæхи ахуыргæнджытæ та дзы сæрæстыр сты. Мæхæдæг дæр йемæ абитуриент уæвгæйæ, базонгæ дæн. Æмæ кæд рæстæг рацыд, уæддæр мын, раздæрау, у уарзон æмæ фæзминаг ахуыргæнæг, цымыдисаг адæймаг æмæ рæсугъд уды хицау Абон та Куыдзойты Анжелæ у мæ уазæг. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top