ЗÆРОНД ФÆНДЫРДЗÆГЪДÆГ

Чеджемты Æхсары ныхæстæ Зары Уæрæсейы адæмон артист Сланты Къоста Дард фæндæгтæ... Нал мæ хъæуынц, Иххост сыл ныддæн. Мин фæндаджы цардмæ цæуынц, Иу фæндаг — мæрдтæм. Дун-дунетыл цас фæхаттæн, Мемæ уыд фæндыр. Иу бон-иу сæндæтты бадтæн, Иннæ бон — мæгуыр. Чызджытæн куыннæ ма цагътон, Фæлæ амонд нæй. — Фембæлæм,— кæмæн-иу загътон, Уый мыл худт хъæрæй. Лæппутæ та — сау уаритæ Симдтой-иу æмæ Хъазгæмхасæн сау суаритæ Баппæрстой мæнмæ. Бауарзтон æхцайы зæлланг Амонды хуызæн. Хъазты-иу мæ уæнгты фæллад Давдæй фæци сæн. Дард рæтты, Хуыцауæй разы, Арфæйаг фæдæн. Балцвæндæгтæ адæм уарзын Сахуыр кодтой мæн. Хорзæй иртасын æвзæры,— Уый бæрц дæр мæ фæрс. Чи цæмæй куыдтæтæ цæры, Хорз базыдтон æз. Иутæм нæй æфсармы хъæстæ, Фæлæ ссардтой уарт. Аразгæ бæрзонд ныхæстæй Амайынц сæ цард. Давынц дыккæгтæ æууæнкæй, Се ’цæг ном — æмбæхст. Хурæнгæс рæсугъд чызджытæй Нал фæисынц цæст. Иннæтæ сæ сæртæг хъæртæй Амарынц æгъдау. Урс, бæргæ, систы сæ сæртæ, Зæрдæтæ та — сау. Цыппæрæм нæ лæууы дзыхъхъы, Хахуыртæ фыссы. Чи уæлдæр хиц
Back to Top