“Хъæууон“ космос, Ногиры кæстæртæ, хуыздæр адджинаг æмæ... Митын дадайы бон
Космосы тыххæй зонындзинæдтæ - хъæуты цæрджытæн. Дзæуджыхъæуы космонавтикæйы скъолайы дæлхайæдтæ байгом сты цалдæр районы. Ууыл дзырдтам нæ студийы уазджытимæ. Сæмбæлдысты ма нæм Ногиры 1-æм скъолайы минæвæрттæ дæр. Сæ хæсыл банымадтой Ленинграды фашистон æрхъулайæ суæгъд уæвыны 80 азы бон æрымысын. Сарæзтой номарæн мадзал æмæ йæ махæн дæр радзырдтой. Уæдæ ма нæ дзырды сæр уыд, Дзæуджыхъæуы номыл цы тъорт хъуамæ æрхъуыды кæной, уый дæр. Хъуыддаг хуыздæр чи зоны, уый йæ рæстæгыл уыдис нæ уазæг. Программæйы кæронбæттæны та нæ абæрæг кодта... Митын Дада! Нæ фæрæдыдыстæм, уымæн æмæ 30-æм январь нымад у йæ боныл. Нæ уазджытæ уыдысты, сывæллæттæн сæ зымæджы бæрæгбон чи барæсугъд кæны, уыцы актертæ - Къуымæллæгкаты бинонтæ.
_________________________
Мы рядом в: