Инна Гучмазова - Къæвда
Къæвда - Инна Гучмазова
слова: Джанлей Джиоев и Мурат Плиев
музыка: Мурат Плиев
Цæмæн уары къæвда?
Мæ удыл арт нæ уайы.
Цæмæн у дæ хуызæн йæ рис,
Кæцы мæ цæстытыл уайы?
О, мæ дуне, уый æгъгъæд у мæнæн,
Цы нæма у мæ фаг,
Цы хуызы фенон уый?
О, мæ ныхас, уый куыд зæгъон дæуæн?
Дæумæ у мæ фæндаг,
Æнусты дæм цæуин.
Цæмæн уары къæвда?..
Нæ уадзы сонт зæрдæ.
Цы кæнон, цæмæй мын дæ хуыз
Мæ уды суа сыгъдæг?
О, æви, къæвда, фæнды дæ тыхсай
Æхсызгон ныв ысуа
Æхцон зæрдæйы хуыз?
Ой, йемæ ахаста удæн йæ хай...
Дæумæ мæ ’рхауы ’ртах,
Фæлæ нæ банцад рыст...