Кадджын хӕрзиуджытӕ, хабӕрттӕ Брутӕй, «ӕнусон» бӕлас ӕмӕ аивадон ӕнтыстытӕ

Йӕ рӕстӕгыл та уӕм хӕццӕ кӕнӕм нӕ хабӕрттӕ. Цӕмӕй уын уӕ зӕрдӕтӕ барухс кӕнӕм, уый тыххӕй ӕрбахуыдтам нӕ республикӕйы адӕмон артист Дзуццаты Сосланы хъомылгӕнинӕгты. Нӕ изӕр нын сфӕлдыстадон къорд “Фарн“ саив кодта ирон фӕндыры зӕлтӕй. Сӕ фӕстӕ нӕ уазджытӕ уыдысты, алы къабӕзты чи фесгуыхт ӕмӕ паддзахадон хӕрзиуджыты аккаг чи сси, ахӕм адӕм. Фӕзындысты нӕм Брутӕй дӕр. Дзырдтам хъӕуы царды уавӕртӕ хуыздӕр кӕныныл. Уӕдӕ Ставд-Дуртӕй уазджытӕ та сӕрыстыр сты, хъӕуы уынгтӕй иуы хӕрдмӕ цы рагон бӕлас фӕцыд, уымӕй. Ӕмбал ын, зӕгъынц, нӕй бирӕ миниуджытӕм гӕсгӕ. Нӕ изӕры кӕронбӕттӕны та ӕхсызгонӕй байхъуыстам Дзуццаты Сосланӕн йӕхимӕ. Ивгъуыд аз уымӕн дӕр ӕнтыстджын рауад. Йӕ хорз хъуыддӕгтӕ махӕй дӕр нӕ басусӕг кодта. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top