Хурыхъæу. Битарты Замирæт I Фæрдгуытæ

Хорз зæрдæйы хицау æмæ каджын сылгоймагыл нымад у хурыхъæуккаг Битарты Замирæт. Уый йе `ххуысы хай æрвиты Украинæмæ не `фсæддонтæн, мадау сæ рæвдауы. Йæ зæрдæ æмæ йæ къухты хъарм бавæры йæ алы быд тæбын цъындайы дæр, суанг ма сын йæ пенсийæ дæр фæхай кæны. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top