Цард кусæг лæджы уæхскыл бады | Хæдзарадон

Уæрæсейы дуканиты цы хойраг ис, уымæн йæ 90% уагъд у нæхи паддзахады. Зæгъæм, фæстаг азты тæрхæджытыл фæзынд бынæттон цыхт æмæ къалбасы бирæ хуызтæ. Мах дæр æвдисæн вæййæм, æххуысы номыл грантты фæрцы фермерон хæдзарæдтæ куыд райрæзынц, уымæн. Ацы равдысты уæ базонгæ кæндзыстæм фермер Хадаты Георгийы архайдимæ, стæй фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонимӕ - Къорайы цӕрӕг Диамбегты бинотимæ. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top