Khobiev (ДаДи) - Бирæ, бирæ

Бирæ, бирæ - Khobiev (ДаДи) Мӕн фӕнды, цӕмӕй ды мемӕ бирӕ-бирӕ уай; Мӕн фӕнды, цӕмӕй мӕ сывӕллӕтты мад ды уай; Мӕн фӕнды, цӕмӕй дӕ цӕстӕнгасӕй ’стӕхон; Нæу мӕ бон! ..................... Уазал зымӕгон бон. Дидинджытимӕ лæууыдтӕн. Дæумӕ ӕнхъӕлмӕ кастӕн, мӕ гыццыл мурмӕ. ............. Дӕ цӕстыты бакаст, Дӕ рӕсугъд мидбыл бахудт Ныххаудысты мӕ зӕрды. Ды ууыл ма худ. .............. Бирӕ кӕй уарзын дæу, Ӕз уый мӕ зарджыты зӕгъдзынӕн. Мӕ уды ’нкъарӕнтӕ Ӕдзух дæуӕн ӕз хъусын кӕндзынӕн. ................ Дæуӕй бӕрзонддӕр стъалы Мӕ мӕгуыр уды нӕй, Мӕ хур ӕмӕ мӕ мӕй. .................... Рӕстӕг ивы, рӕстӕг уайы, Мӕ цӕстытыл нӕ фыццаг фембӕлд уайы. ........................ Ды куы дӕ мӕ мӕт, Ды куы дӕ мӕ цин, Ды куы дӕ мӕ цард. Ӕрлæуу ӕнцад! ......................... Мӕн фӕнды, цӕмӕй ды мемӕ бирӕ-бирӕ уай; Мӕн фӕнды, цӕмӕй мӕ сывӕллӕтты мад ды уай; Мӕн фӕнды, цӕмӕй дӕ цӕстӕнгасӕй ’стӕхон; Нæу мӕ бон! ..................... Нӕй ӕмбӕхсӕн уыцы уарзтӕн — Уымӕн уæвӕн нӕй, Уымӕн уæвӕн нӕй, Уымӕн уæвӕн нӕй. .................... Мӕ рӕсугъд гыццыл чызг, Ӕз тынг бирӕ уарзын дæу, Бирӕ уарзын дæу, Тынг бирӕ уарзын дæу. ......................... Рӕстӕг ивы, рӕстӕг уайы, Мӕ цӕстытыл нӕ фыццаг фембӕлд уайы. ........................ Ды куы дӕ мӕ мӕт, Ды куы дӕ мӕ цин, Ды куы дӕ мӕ цард. Ӕрлæуу ӕнцад! .............................. Мӕн фӕнды, цӕмӕй ды мемӕ бирӕ-бирӕ уай; Мӕн фӕнды, цӕмӕй мӕ сывӕллӕтты мад ды уай; Мӕн фӕнды, цӕмӕй дӕ цӕстӕнгасӕй ’стӕхон; Нæу мӕ бон!
Back to Top