Малхаз (Финт) Алборов - Риссы мæ зæрдæ
Риссы мæ зæрдæ - Малхаз (Финт) Алборов
слова: Ольга Чехоева
музыка: Тимур Харебов
Ма мæ фæрс, гыцци, низ мыл бахæцыд,
Нæй йын хосгæнæн, хуыссæг нал хæцы.
Нæ зыдтон, гыцци, цæй фыдрыст зоны,
Лæппуйы уарзтæй зæрдæ куыд риссы…
Базард:
Риссы, риссы мæ зæрдæ,
Æнцой нал зоны,
Æдзух кæмæдæр дардмæ фехсайы.
Кæд ыл æмбæлон, мæ хъаст ракæнон,
Мæ ныфс нæ хæссын, куыд æм фæлварон.
Уарзт цы сфæлдыста, уый куыд нæ загъта,
Хос цæмæн нæ ис, уый цæмæн хъуыдис.
Базард.
Арвы кæрæтты æз куы фæзилин,
’Мæ йын тагъд рæстæг хос куы ыссарин,
Мæ хуызæн цæмæй мачи ма рисса,
Æмæ дзы дардмæ зæрдæ ма хъæрза.
Базард.