ВИА “Бонварон“ - Судзут мæ цæстытæ

удзут мæ цæстытæ - ВИА “Бонварон“ слова: Исидор Козаев музыка: Ахсар Джигкаев Судзут мæ цæстытæ, судзут, Зæрдæйæ исут цæхæр. Адæммæ уарзонæй худут Доны куы зилат, уæддæр. Зæрдæйæн фестут кæсæнтæ, Дзыллæ уæ феной æргом, Масты уын доны лæсæнтæ, Цинты уын уалдзыгон бон. Зæгъгæ мыл абон *æрмæйдар *Мисхал дæр не ’ркæнин мæт. Исты кæнин æз куырмæй дæр, Мæ Ирыстон хурæфсæст уæд. Судзут мæ цæстытæ, судзут, Зæрдæйæ исут цæхæр. Адæммæ уарзонæй худут, Доны куы зилат, уæддæр. Райсин уæ дунейы *уæрцы Фæлæ уæ раттин лæвар. Уадз æмæ минтæм уæ фæрцы, Ма уа сæ цæстырухс тар. Зæгъгæ мыл абон æрмæйдар, Мисхал дæр не ’ркæнин мæт. Исты кæнин æз куырмæй дæр, Мæ Ирыстон хурæфсæст уæд.
Back to Top