Инна Гучмазова - Æнустæм уарзт

Æнустæм уарзт - Инна Гучмазова слова: Мадина Тедеева музыка: Инна Гучмазова Æрмæст дæуæн ысхуддзынæн, Æрмæст нæ уарзтæн кувдзынæн. Нæ ратдзынæн дæу никæмæн, Æнустæм дæ æз уарздзынæн. Фæндагыл дыл куы ’рталынг уа — Æрттивгæ стъалы фестдзынæн. Дæ зæрдæйы куы ’рæнкъард уа — Булæмæргъау дын зардзынæн. Ды истæуыл куы маст кæнай — Дæ цæссыгтæ дын нуаздзынæн. Дзынга дæр дыл куы фæхæца — Мæ хъарм туг æз дын ратдзынæн. Ды уазалы куы баргъæвсай — Мæ пъатæй дæ ысхъарм кæндзæн. Ды истæмæй куы ысхъæрзай — Уайтагъд дæ цуры фестдзынæн. Зын цардæй ныфс куы фесафай — Уæд дæм мæ тыхтæ бауадздзæн. Ызнаг дын марг куы æркæна — Уæд æй дæ бæсты баназдзæн. Нæ уарзт куы уа æнæфидæн — Дæу аххосаг нæ кæндзынæн: Мæ зæрдæйы дæ дардзынæн, Æнустæм дæу æз уарздзынæн...
Back to Top