Коста Джиоев - Гагкайты Алиханы зарæг (Æнусон цъититæ)

Гагкайты Алиханы зарæг (Æнусон цъититæ) - Коста Джиоев слова: Музафер Дзасохов музыка: Резван Цорионт Æнусон цъититæ Нæ уæндынц Хъæриумæ, ой, Дардæй йæм фæлгæсынц, ой! Мæ уарзон æмгæрттæ, Ныззарæм, цæй, иумæ Хъæбатыр цæргæсыл, ой! Къæхтысæр фæндæгыл Сæгуыт дæр фæллайы, ой, Бакæлы ’мæ фесты, ой! Гагкайты Алихан Йæ цæфтæ нымайы, Нымад ын нæ фесты, ой! Нæ уарзон хæхбæсты Куы скæны стыр хъызт уад, ой, Кæд ниуы ахъаззаг, ой! Германы сау хæстæй Йæ кады ном сыхъуыст, Йæхæдæг уым баззад, ой! Бехъаны къуырфауы Цы суадæтты цад ис, ой, Йæ сæтæг мæм хъары, ой! Хæстоны ингæныл Цъæх кæрдæг æрзадис, Цæссыг ыл фæуарыд, ой! Æнæ ’рцæф æфсургъæн Ехс дарын нæ хъæуы, ой, Йæ ехс у йæ барæг, ой! Алиханы мардыл Ныууадзут уæ кæуын, Ныззарут ыл зарæг, Уæй, уæй, тох!
Back to Top